Тестытæ. Ирон æвзаг

  1. Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ сты:

а) бæрæггæнæн

æ) æххæстгæнæн

б) сæйрат

в) зæгъинаг

 

  1. Хуымæтæг цыбыр хъуыдыйад арæзт вæййы:

а) æрмæст сæйраг уæнгтæй

æ) æрмæст фæрссаг уæнгтæй

б) сæйраг æмæ фæрссаг уæнгтæй

в) ) æрмæст фадатон дзырдтæй

 

  1. Кæцы дзырды ис рæдыд

а) фындæс

æ) цыппæрдæс

б) радзырдта

в) дæттæ

 

  1. Ирон алфавиты ис

а) 33 дамгъæйы

æ) 36 дамгъæйы

б) 43 дамгъæйы

в) 42 дамгъæйы

 

  1. Ссар рæдыдтытæ

а) адæймагы

æ) голладжы

б) хæйрæджы

в) æрдæгы

 

  1. Миногон дзуапп дæтты фæрстытæн

а) кæцы? кæцæй?

æ) цавæр? цыхуызæн?

б) цалæм? цалæй?

 

  1. Ссар рæдыдтытæ

а) баттæн

æ) куыстон

б) хорттон

в) марзтон

 

  1. Ирон æвзаджы хауæнтæ сты:

а) 9

æ) 10

б) 8

в) 6

 

  1. Зылангон мыр нæу

а) в

æ) дз

б) ч

в) й

 

  1. Уидаджы размæ цы дзырды хай вæййы, уый у

а) разæвæрд

æ) раздарæн

б) разæфтуан

в) раздзæуæг

 

  1. Ссар бирæнысанон дзырд

а) фæлтæрæн

æ) æфсымæр

б) фарс

в) фæрæт

 

  1. Ссар раст вариант: 1959

а) иу мин нæуæдз фæндзай фараст

æ) иу мин фарастсæдæ фæндзай фараст

б) иу мин фарастсæдæ фондз фараст

 

  1. Кæцы хъуыдыйады ис антонимтæ?

а) Рæгъæд æхстой, æмæ цъæх æрхаудис.

æ) Райсомы хур ахаста йæ цæст цъититыл.

б) Авд лæппуйы зилынц Фсатийы алыварс.

в) Ралæууыд фæззæг.

 

  1. Дзырдты хæйттæ сты:

а) номдар

æ) уидаг

б) нымæцон

в) фæсæфтуан

 

  1. Мивдисæг ивы

а) хауæнтæм гæсгæ

æ) цæсгæмттæм гæсгæ

б) афонтæм гæсгæ

в) бæрцбарæнтæм гæсгæ

 

  1. Мивдисæгæн ис:

а) дыууæ хуызы

æ) æртæ хуызы

б) цыппæр хуызы

в) фондз хуызы