Алы æмбæстаджы архайд дæр у ахсджиаг

Хуссар Ирыстоны цадæггай йæ тыхы бацыд цæрджыты иумæйаг сфыст.
Уагъдцæуæг мадзалмæ сæрмагонд ахасты тыххæй сæ хъуыдытæ фæзæгъынц куыд рæнхъон æмбæстæгтæ, афтæ нæ республикæйы къухдариуæгад дæр.

Йæ хъуыды нын раргом кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик:

— Алчи дæр æй хорз зоны, ацы аз 15 октябры кæй райдыдта цæрджыты сфыст, фæлæ арæх фехъусæм ахæм хъуыды дæр, зæгъгæ уый уагъд цæуы æрмæстдæр уый тыххæй, цæ-мæй бæлвырдæй базонæм цæрджыты нымæц. Раст у, уый дæр тынг ахсджиаг хъуыддаг у, фæлæ сфысты сæйрагдзинад канд уый нæу, — банысан кодта Эрик Георгийы фырт. — Æрфарсты сыфы ис, паддзахадон органтæн чи фæахъаз уыдзæн хуыздæр базонын цæрджыты цард, ахæм цалдæр пунктты рæнхъ: сæ царды уаг, ахуырады, бинонты уавæр, наци, кар, цæрдхъомдзинады æмвæзад.

Цæмæн у æнæмæнгхъæуæг уыдæттæ зонын? Ацы фарстæн ис æрмæстдæр иу дзуапп: æппæт паддзахадон программæтæ бындуриуæг кæнынц æрмæстдæр статистикон управленийы бæрæггæнæнтыл. Паддзахад йе ’мбæстæгты тыххæй цы бæрæггæнæнтæ æрбам-бырд кæна, ахæм уыдзысты йæ дарддæры социалон-экономикон райрæзты нывæстытæ. Уымæ гæсгæ, цас дырысдæр уой йæ характеристикæтæ алы æмæ алы миниуджытæм гæсгæ — æрд, кар, ахуырад, куыстхъомдзинад, архайды хуыз, цæрджыты нымæцы бæрæггæнæнтæ, сæ равæрд бæстæйы территорийыл æмæ афтæ дарддæр — уыйас паддзахадæн уыдзæн фадат, цæмæй гъæдджындæрæй æххæст кæна йæ хæслæ-вæрдтæ йе ’мбæстæгты раз.

Афтæ ма статистикон бæрæггæнæнтæ ахсджиаг сты, республикæйы экономикæмæ фæрæзтæ бавæрын кæй фæнды, уыцы инвестортæн дæр. Кæцыфæнды бизнес-проект дæр бындуриуæг кæны фыццаджыдæр цæрджыты бæрæггæнæнтыл. Æмæ, цæвиттонæн, кæд нæ бон нæу сдзуапп кæнын, куыстхъом æмбæстæгты нымæц цас у, уыцы фарстæн, сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгты сæраппонд, уæд уый æппындæр ницы фæахъаз уыдзæн нæ республикæйы экономикæмæ бавæрды цæттæдзинадæн.

Уый тыххæй мæ фæнды ноджыдæр бахатын не ’мбæс-тæгтæм, цæмæй лæмбынæг ахаст равдисой ацы мадзалмæ æмæ рацæуой æрфарсты процедурæ.

Абон бастдзинадæн ис алы фæрæзтæ дæр. Кæд бæрæг аххосæгтæм гæсгæ бинонтæ сты республикæйæн æддейæ, уæд сын æнæмæнгдæр хъæуы фехъусын кæнын, цæмæй би-нонты уæнгтæй исчи æвæстиатæй æрцæуа æмæ ныффыссын кæна иннæты дæр. Паддзаха-дæн ахсджиаг у алы æмбæстаджы архайд дæр цæрджыты сфысты!

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, æппæт сæвзæргæ фарстыты фæдыл дæр уæ бон кæй у бацæуын æввахсдæр сфысты пунктмæ. Цхинвалы уый уæвынад кæны Паддзахадон статистикон управленийы арæзтады Хъайтарты уынгыл, 16 (стационарон сфыст уадзæджы контактон телефон: +7-929-806-42-21).

Республикæйы районты сфысты стационарон пункттæ сты сæ административон центрты.

Газет Xurzarin